Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:12
16 Iomraidhean Croise  

Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.


Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат


Куы йӕм байхъуыстой, уӕд бацин кодтой ӕмӕ йын ӕвзист ӕхцайӕ зӕрдӕ бавӕрдтой. Ӕмӕ Иудӕ сӕ къухмӕ сын Ӕй раттыны фадат агуырдта.


Уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут сахармӕ. Уым уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ, ӕмӕ-иу ацӕут йӕ фӕдыл.


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй уын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд акусарт кӕнӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan