Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Куы йӕм байхъуыстой, уӕд бацин кодтой ӕмӕ йын ӕвзист ӕхцайӕ зӕрдӕ бавӕрдтой. Ӕмӕ Иудӕ сӕ къухмӕ сын Ӕй раттыны фадат агуырдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:11
14 Iomraidhean Croise  

Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Уӕд ын Елисей загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ уыди, уыцы лӕг йӕ уӕрдонӕй куы ӕрхызти ӕмӕ дӕ размӕ куы рацыди, уӕд! Ныртӕккӕ ууыл стӕм, ӕмӕ нӕхицӕн бынтӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕвзист ӕмӕ дарӕстӕй, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕндӕттӕй, лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй, цагъайраг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй?


Сӕ фыдракӕндтӕй паддзахы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнынц, сӕ фӕливӕнтӕй ирхӕфсынц сӕ фӕтӕгты.


Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм


ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.


Уӕд Иудӕ Искариот, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, ацыдис алчертӕм, цӕмӕй сын Йесойы сӕ къухмӕ ратта.


Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»


Сайтан бацыди дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы мидӕг.


Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.


Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan