Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:1
23 Iomraidhean Croise  

Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.


Хуыцау уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, ахӕм иу ӕмбаргӕ адӕймаг ис?


Дӕ хорзӕх мын цардӕй у зынаргъдӕр, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Мысыры ма куы уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон, уӕд сын Дунедарӕг загъта:


Дзул асӕстытӕ кӕн ӕмӕ йыл оливӕйы сой ауадз. Уый дын — хойраджы хуын.


Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй.


Мӕгуырӕн ӕххуыс кӕныс, уӕд ӕй дӕрдтыл ма ныхъхъӕр кӕн. Афтӕ синагогӕтӕ ӕмӕ уынгты фӕкӕнынц дыдзӕсгӕмттӕ — искӕй цӕстмӕ, кады охыл. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.


Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»


ӕмӕ тӕрхӕттӕ кодтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.


Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.


Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan