Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 13:5
11 Iomraidhean Croise  

Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.


«Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис?»


Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.


Йесо сын загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты Мӕ номӕй ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“ ӕмӕ „Афон ӕрцыд“. Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.


Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».


Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan