37 Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!»
Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.
Уӕдӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕни, уый нӕ зонут.
Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом.
Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.