36 Ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрбаййафӕд!
— Ӕхсӕвы мӕ уарзоны агуырдтон мӕ хуыссӕны, фӕлӕ йӕ не ссардтон.
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Сиахсаг афӕстиат ис, ӕмӕ чызджыты хуыссӕг ӕрцахста, се ’ппӕт дӕр бафынӕй сты.
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сӕ фынӕйӕ баййӕфта. Ӕмӕ Петрӕн загъта: «Симон, фынӕй дӕ? Ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат нӕ бафӕрӕзтай?
Ӕмӕ сӕм куы ӕрбаздӕхти, уӕд та сӕ фынӕйӕ баййӕфта; сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты, ӕмӕ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нӕ зыдтой.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Куывд куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ фыр мӕтӕй сӕ тых басасти.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».