Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 13:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕрцӕудзӕн, дунесфӕлдыстӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр чи нал ӕрцӕудзӕн, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 13:19
17 Iomraidhean Croise  

Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!


Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?


О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.


Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ.


Фӕлӕ райдианы Хуыцау „сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы“.


Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕджы ма бахъӕуа лидзын.


Ӕмӕ Бардарӕг уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр кодтаид, уӕд удӕгасӕй ничиуал баззадаид. Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕмы — Йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕкъаддӕр кодта.


уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.


Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд?


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan