15 Уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал ӕрхизӕд;
Батагъд кӕн уырдӕм ӕмӕ дзы дӕ сӕр бафснай. Цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мын ацы хъуыддагӕн райдайӕн нӕй». Уымӕ гӕсгӕ уыцы сахарӕн ис ӕхӕм ном — Цоар.
Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.
«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ йӕ дарӕс рахӕссынмӕ мауал баздӕхӕд.
Куы бафсӕстысты, уӕд нау фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй мӕнӕу акалдтой денджызмӕ.
Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.