Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 13:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 13:14
14 Iomraidhean Croise  

Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон!


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: нырӕй фӕстӕмӕ Мӕ Кувӕндонмӕ иу ӕцӕгӕлон дӕр — буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у — нал бацӕудзӕн, суанг Израилы адӕмӕн се ’хсӕн куы цӕра, уӕд дӕр.


Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.


Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.


Ӕз фехъуыстон дыууӕ зӕды ныхас, иу дзы иннӕйы куыд бафарста, уый: «Ацы заууатӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕссӕн кӕдмӕ нӕ уыдзӕн? Кувӕндон ӕмӕ уӕларвон ӕфсад ссӕсты бынаты кӕдмӕ уыдзысты?»


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Бардарӕг».


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Тӕхудиаг сты, ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.


Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan