9 Уӕдӕ ныр сӕндоны хицау цы сараздзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты амарын кӕндзӕн, сӕндон та ратдзӕнис ӕндӕртӕм.
Хӕрз чысыл рӕстӕг ма, ӕмӕ Ливаны хъӕд фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та фестдзӕни хъӕд.
Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.
Дӕ хӕхтӕ, дӕ исбон, дӕ хӕзнатӕ ӕмӕ дӕ уаз къуыппытӕ дын Ӕз иууылдӕр хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ алы зӕххы хайыл дӕр тӕригъӕдтӕ фӕкодтай.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.
Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.
Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.
Уыйадыл ӕй ӕрцахстой, амардтой йӕ ӕмӕ йын йӕ мард сӕндонӕй раппӕрстой.
Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».
Исайа та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ тырныдта, уыдонмӕ».
Фӕлӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй алкӕцы дӕр куыд сӕххӕст кодта, афтӕ сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ алы ӕртхъирӕн ныхас дӕр, цалынмӕ уӕ, цы дзӕбӕх зӕхх уын радта, уырдыгӕй фесафа, уӕдмӕ.