41 Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ кастис, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрынц, уымӕ. Хъӕздгуытӕй бирӕтӕ ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца.
Сауджын Йехода райста асыкк, йӕ сӕрыл ын хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны рахизфарс ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕм цы ӕхца ӕрбахастой, уыдон-иу кулдуар хъахъхъӕнӕг сауджынтӕ уыцы асыччы ныппӕрстой.
Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».
Иу мӕгуыр идӕдз ус бацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лептӕйы — иу кодрант — нывӕрдта.
Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.