4 Йӕ иннӕ цагъары сӕм арвыста, фӕлӕ йӕ сӕрыскъуыд фӕкодтой ӕмӕ йӕ ӕгады тард ракодтой.
Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.
Сӕ фидистӕй зӕрдӕсаст фӕдӕн, басасти мӕ хъару. Ӕнхъӕлмӕ кастӕн, исчи мын кӕд батӕригъӕд кӕнид, фӕлӕ ахӕм нӕ разынди; ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ, фӕлӕ ахӕмы дӕр не ссардтон.
Фӕлӕ йӕ уыдон ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй арвыстой.
Ӕндӕры дӕр сӕм арвыста, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Ноджы ма сӕм бирӕты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ кодтой, кӕй — маргӕ.
Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ та уый дӕр фӕнадтой, фелгъыстой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой.