38 Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;
Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.
Уӕдӕ, куы фӕкувут, уӕд дыдзӕсгӕмтты ма фӕзмут — уыдон уарзынц адӕмы цӕстмӕ синагогӕты ӕмӕ тигътыл лӕугӕйӕ кувын. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.
уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;
Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ фӕцамыдта, ахуыр сӕ кодта:
Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.
Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары.