Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:36
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.


Се ’ргом Дӕм раздахдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Ды уыдонӕн бирӕ азты фӕбарстай. Фӕдзӕхстай сӕ Дӕ Уды фӕрцы — Дӕ пехуымпарты уылты, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ Ды ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм радтай.


Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.


нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцойгӕнӕн у; нӕдӕр Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у.


(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.


Иу хъуыды сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕлиу кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд Павел сдзырдта: «Сыгъдӕг Уд хорз загъта нӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайайы дзыхӕй:


Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ.


Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,


Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?»


Уымӕ гӕсгӕ та Хуыцау снысан кодта ног афон — «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды уылты, уӕлдӕр кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы ныхӕстӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».


Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan