Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Динамонджытӕй сын иу хъуыста сӕ быцӕумӕ ӕмӕ, куыд хорз дзуапп сын лӕвӕрдта, уый фиппайгӕйӕ, Йесомӕ бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Фӕдзӕхстытӕй кӕцы у сӕйрагдӕр?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:28
8 Iomraidhean Croise  

Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын ранымадта: «„Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“,


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайӕ дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ та — рӕстдзинад, хӕрзаудӕн ӕмӕ уырнындзинад — ницӕмӕ дарут. Сымахӕн адӕттӕ кӕнын дӕр ӕмбӕлд ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр рохуаты ныууадзын нӕ хъуыд.


Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.


Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын сӕ алыварс ӕрӕййӕфтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты — семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой.


Фӕлӕ сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, рутӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджыты дӕсӕймаг хай дӕттут, фӕлӕ Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ уарзт та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлди адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ уадзын.


Уӕд Йесойӕн динамонджытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ды хорз загътай».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan