Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:26
16 Iomraidhean Croise  

Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».


Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!


Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.


Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты ӕнгӕс.


Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгӕ сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ, Хуыцауы „Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд.


Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».


Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan