16 Ӕрбахастой Йӕм динар, ӕмӕ сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры».
Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».
Йесо сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».
Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном.