13 Ӕмӕ Йӕм фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсхӕцджытӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй Йӕ исты амалӕй ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.
Уадз ӕмӕ мӕ бафхӕра рӕстгӕнӕг — уымӕй мын хорзы бацӕудзӕн ӕрмӕст, раст мын цыма мӕ сӕр хӕрздӕфгӕнӕн сойӕ байсӕрста, уыйау. Ӕз та кувдзынӕн фыдгӕнджыты тыххӕй, цӕмӕй фыдмитӕ мауал кӕной.
Йӕ азымы тыххӕй Ды адӕймаджы бафхӕрыс, зынаргъ ын цы у, уый рӕмпӕг фестын кӕныс. Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.
Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».
Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»
Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсхӕцджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый фӕдыл.
Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».
къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.