Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:12
13 Iomraidhean Croise  

„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».


Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.


Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый фехъуыстой ӕмӕ агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы ӕфтыдта, ӕмӕ Дзы тарстысты.


«Адӕмӕй» зӕгъын та тарстысты адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕйдӕр пехуымпар кӕй уыд, уый.


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.


„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».


Йерусалимы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай, марынмӕ кӕй агурынц, уыцы адӕймаг нӕу?


Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.


Чидӕртӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan