11 Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?»
Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дунедарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын „о“ кӕнӕ „нӕ“ зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы.
Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.
Уӕздӕттӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц, ӕз та, Дӕ цагъар, хъуыды кӕнын Де ’Гъдауыл.
Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид.
Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“
Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?
Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?»
Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.