Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:10
17 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Йесо сын дзуапп радта: «Давид, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр куы сыстонг сты, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?


Йесо сын дзуапп радта: «Ау, Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста“, уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви?


ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:


Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“?


Уӕдӕ ныр сӕндоны хицау цы сараздзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты амарын кӕндзӕн, сӕндон та ратдзӕнис ӕндӕртӕм.


Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.


Йесо сын дзуапп радта: «Давид ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куы сыстонг сты ӕмӕ сын бахӕринаг куы ницы уыди, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?


Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбӕлттимӕ куы сыстонг ис, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan