Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 12:1
38 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.


Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Уайдзӕф мын кӕнынц, ай нын ӕмбисӕндтӕй цы дзуры, зӕгъгӕ».


Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта: «Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди.


Мӕнӕ ацы хабар та уӕм куыд кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Лӕг бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Лӕппу, ацу ӕмӕ абон сӕндоны бакус“.


Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста.


Уӕд уыдзӕнис уыцы ӕмбисондау: иу адӕймаг балцы ацӕуыны размӕ йӕ цагъартӕм фӕсидти ӕмӕ сын йӕ исбон бафӕдзӕхста.


Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ йӕ зонӕм». Уӕд сын Йесо дӕр загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ цавӕр хъаруйӕ кӕнын, уый».


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны?


Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ фӕцамыдта, ахуыр сӕ кодта:


Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ йӕхи дард бӕстӕм айста. Уым ӕнӕуаг цард кодта ӕмӕ йӕ бынтӕ бахордта.


Йесо загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, дард бӕстӕм цӕуинаг уыди, цӕмӕй уым паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид.


Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, фынг кӕм ӕрӕвӕрӕм?»


Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.


Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan