9 Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ чи цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!
Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»
Дзурын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».
Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл айтыдтой сӕ дарӕс, иннӕтӕ та — быдыртӕй кӕй ӕрбахастой, уыцы къалиутӕ.
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»
Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».