8 Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл айтыдтой сӕ дарӕс, иннӕтӕ та — быдыртӕй кӕй ӕрбахастой, уыцы къалиутӕ.
Уыдон ын уайтагъд йӕ къӕхты бын къӕпхӕнтыл сӕ пӕлӕзтӕ ӕрытыдтой, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегу сси паддзах!»
Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.
Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл байтыдтой сӕ дарӕстӕ, иннӕтӕ та бӕлӕсты къалиутӕ састой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ калдтой.
Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, сӕвӕрдтой йыл сӕ дарӕс, ӕмӕ йыл Йесо сбадти.
Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ чи цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!