32 «Адӕмӕй» зӕгъын та тарстысты адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕйдӕр пехуымпар кӕй уыд, уый.
Уӕдӕ сымах уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, уый пехуымпарӕй уӕлдӕр у.
Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.
Ӕрцахсынмӕ Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.
Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“»
Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ йӕ зонӕм». Уӕд сын Йесо дӕр загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ цавӕр хъаруйӕ кӕнын, уый».
Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.
Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.
Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты.
Бирӕ адӕм ӕм цыди ӕмӕ дзырдтой, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ, ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты, зӕгъгӕ.
Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.