31 Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“»
Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы».
Зӕгъут-ма мын, Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын кӕмӕй лӕвӕрд уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?».
«Адӕмӕй» зӕгъын та тарстысты адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕйдӕр пехуымпар кӕй уыд, уый.
Иоанн Ын ӕвдисӕн лӕууы ӕмӕ хъӕрӕй сиды: «Уый у, ӕз афтӕ Кӕмӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“».
Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.
Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын».
Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».