Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 11:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ацы хъуыддӕгтӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Афтӕ кӕныны бар Дын чи радта?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 11:28
8 Iomraidhean Croise  

Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?» Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».


Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды?


Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»


Йесо та Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрбаздӕхти Йерусалиммӕ. Кувӕндоныл куы зылди, уӕд Ӕм алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ бацыдысты


Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Дзуапп Мын раттут, ӕмӕ уын уӕд Ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan