Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 11:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Стӕй, кувгӕйӕ, Хуыцауы раз куы лӕууат, уӕ зӕрдӕйы та искӕмӕ маст куы хӕссат, уӕд-иу ын ныббарут, ӕмӕ уын уӕ Уӕларвон Фыд дӕр ныббардзӕни уӕ тӕригъӕдтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 11:25
13 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн.


Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы бацӕуай ӕмӕ дӕм де ’фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг ис, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа,


Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.


Уӕдӕ, куы фӕкувут, уӕд дыдзӕсгӕмтты ма фӕзмут — уыдон уарзынц адӕмы цӕстмӕ синагогӕты ӕмӕ тигътыл лӕугӕйӕ кувын. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.


Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.


Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.


Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн.


Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.


Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan