Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 11:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Дыккаг бон та райсомӕй легъуи бӕласы цурты фӕцӕйцыдысты ӕмӕ федтой, бӕлас суанг йӕ уидӕгтӕм кӕй бахус ис, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 11:20
14 Iomraidhean Croise  

Йӕ уидӕгтӕ хуыртӕ гӕрдынц, дурты цӕндыл хӕрдмӕ хилынц,


Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ, афтӕ сыл Дунедарӕг дымгӕ радымын кӕндзӕн, ӕмӕ бахус уыдзысты. Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.


Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?


Фӕлӕ хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын арф уидӕгтӕ нӕ уыди.


Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕнис ӕд уидӕгтӕ.


Райсомӕй раджы сахармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо сыстонг.


Дыккаг бон Вифанийӕ куы рацыдысты, уӕд Йесо сыстонг ис.


Уӕд ын Йесо загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын дӕ дыргъӕй мыггагмӕ дӕр мачиуал бахӕрӕд». Ӕмӕ уый фехъуыстой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.


Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan