19 Куы баизӕр ис, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ сахарӕй рацыди.
Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.
Йесо Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд бацыди Кувӕндонмӕ, алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркасти ӕмӕ, ӕнафон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ Вифанимӕ ацыди.
Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.
Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон ис.