17 Амыдта сын: «Афтӕ фыст нӕу, ӕви: „Мӕ Хӕдзар Мын ӕппӕт адӕмтӕн кувӕн хӕдзар схондзысты“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».
Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг.
Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын,
Стӕй Кувӕндоны кӕрты уылты никӕй уагъта исты дзаума хӕссын.
Дзырдта сын: «Фыст ис: „Мӕ Хӕдзар уыдзӕни кувӕн хӕдзар“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
Уым Кувӕндоны баййӕфта галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлонуӕйгӕнджыты, стӕй ӕхцаивджыты бадгӕ.
Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».