Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 11:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд ын Йесо загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын дӕ дыргъӕй мыггагмӕ дӕр мачиуал бахӕрӕд». Ӕмӕ уый фехъуыстой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 11:14
15 Iomraidhean Croise  

Фӕндаггӕрон федта иу легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыд. Сыфтӕртӕ йеддӕмӕ йыл куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл дыргъ мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуи бӕлас уайтагъд бахус ис.


Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Дардӕй ауыдта, сыфтӕр чи рафтыдта, ахӕм легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыди, кӕд ыл исты уаид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕм куы бахӕстӕг ис, уӕд ыл сыфтӕртӕ йеддӕмӕ ницы ссардта, уымӕн ӕмӕ йын дыргъафон нӕма уыд.


Бахӕццӕ сты Йерусалиммӕ. Йесо Кувӕндоны кӕртмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр тӕрын райдыдта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.


Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan