12 Дыккаг бон Вифанийӕ куы рацыдысты, уӕд Йесо сыстонг ис.
Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.
Дардӕй ауыдта, сыфтӕр чи рафтыдта, ахӕм легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыди, кӕд ыл исты уаид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕм куы бахӕстӕг ис, уӕд ыл сыфтӕртӕ йеддӕмӕ ницы ссардта, уымӕн ӕмӕ йын дыргъафон нӕма уыд.
Дыккаг бон та райсомӕй легъуи бӕласы цурты фӕцӕйцыдысты ӕмӕ федтой, бӕлас суанг йӕ уидӕгтӕм кӕй бахус ис, уый.
Уым Ӕй хӕйрӕг дыууиссӕдз боны фӕлвӕрдта. Уыцы бонты Йесо ницы хордта ӕмӕ фӕстагмӕ тынг сыстонг ис.
Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».
Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.