1 Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ
Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.
Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.
Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.
Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»
Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.
ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уартӕ нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Куыддӕр хъӕумӕ бацӕуат, афтӕ дзы ссардзыстут, адӕймаг кӕуыл нӕма бадти, ахӕм къӕлӕу бастӕй. Суадзут ӕй ӕмӕ йӕ ардӕм ракӕнут.
Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадти, уӕд Ӕй Петр, Йаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой:
Уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут сахармӕ. Уым уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ, ӕмӕ-иу ацӕут йӕ фӕдыл.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта
Йесо та Елеоны хохмӕ ссыди.
Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау.