52 Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.
Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй, зӕххыл къӕвда ӕруадзы, хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны.
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
Уӕд куырмытӕн байгом уыдзысты сӕ цӕстытӕ, байгом уыдзысты къуырматӕн сӕ хъустӕ;
куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.
Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта.
Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.
Кувӕндоны Йӕм куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.
Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис.
Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
Уӕд та йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл авӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм та ногӕй акаст ӕмӕ уыйадыл адзӕбӕх ис, хорз уынын райдыдта.
Йесо та загъта сылгоймагӕн: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта, цу фарнимӕ».
ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
Незамантӕй нырмӕ, ӕрдзӕй куырмы исчи цӕстӕй ракӕсын кодта, зӕгъгӕ, ахӕм диссаг ничима фехъуыста.
Йесо йын загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй куырмытӕ цӕстӕй ракӕсой, цӕстджынтӕ та бакуырм уой».
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.