Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йесо сын загъта: «Моисей уын ахӕм фӕдзӕхст, хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй радта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 10:5
8 Iomraidhean Croise  

Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.


Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Ус ӕркодтай, йемӕ бацардтӕ, фӕлӕ йӕм цыдӕр аипп ссардтай, ӕмӕ дын уыйадыл сӕнад ис, зӕгъгӕ, уӕд ахицӕны гӕххӕтт ныффысс, ратт ын ӕй ӕмӕ йӕ дӕ хӕдзарӕй арвит.


уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?


Уӕдӕ зонут, раст адӕм кӕй стут, уый тыххӕй уын нӕ дӕтты Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы алӕмӕты бӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сымах хивӕнд стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan