44 фыццаг уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уе ’ппӕтӕн дӕр уӕд цагъар.
Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг;
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной. Уый ӕрцыди, цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты сӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Уӕд Йесо ӕрбадти, дыууадӕсмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд ӕппӕты фӕстаг ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр».
фӕлӕ барвӕндонӕй ӕрныллӕнг кодта Йӕхи, адӕймаджы фӕлгонц райста ӕмӕ уыди адӕймаджы ӕнгӕс.