41 Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд Йаков ӕмӕ Иоаннмӕ смӕсты сты.
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.
Йесо фӕдзырдта се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ кӕй хонынц, уыдон адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц ӕмӕ хицӕуттӕн адӕмтыл сӕ бар кӕй цӕуы, уый.
Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимидӕг фӕбыцӕу сты, се ’хсӕн уӕлдӕрыл нымад чи хъуамӕ уа, зӕгъгӕ.
Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕнынц; адӕмтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдон сӕхи хонынц хӕрзгӕнджытӕ.
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.
Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?