40 Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи ӕрбаддзӕн, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу — уыцы бынӕттӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон дзы сбаддзысты».
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».
Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.
Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.
Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.
Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.