4 Уыдон загътой: «Моисей бар радта лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт ныффыссӕд».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Лӕг йӕ бинойнаджы куы ауадза ӕмӕ уый ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд ма йӕм йӕ фыццаг лӕг раздӕхдзӕн? Ӕмӕ ахӕм хъуыддаг цы зӕххыл ӕрцӕуа, уый ӕгасӕй дӕр нӕ фӕчъизи уыдзӕн? Дӕуӕн та хӕзгултӕ бирӕ уыди, фӕлӕ Мӕм раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. —
Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын.
Уыдон та Йын загътой: «Уӕдӕ Моисей ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахаста, „лӕгӕн йӕ усы ауадзын йӕ бон у, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд“, зӕгъгӕ?»
Йесо сын дзуапп радта: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?»