Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 10:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Дӕ кады афон куы ралӕууа, уӕд нӕ иуы сбадын кӕн Дӕ рахизфарс, иннӕйы та — Дӕ галиуфарс».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 10:37
10 Iomraidhean Croise  

Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.


Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы, цы уын саразон?»


Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти.


Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».


Чырысти цӕмӕй Йӕ кады бӕрзӕндмӕ схиза, уый тыххӕй Йын ӕппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ бавзаринаг нӕ уыдысты, ӕви?»


Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan