36 Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы, цы уын саразон?»
Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын нӕ курдиат сӕххӕст кӕнай».
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Дӕ кады афон куы ралӕууа, уӕд нӕ иуы сбадын кӕн Дӕ рахизфарс, иннӕйы та — Дӕ галиуфарс».
Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».
Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.