22 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уый хорзау нал фӕци ӕмӕ ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыди.
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.
Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.
Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ӕнкъардӕй ацыди, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд йӕхиуыл ӕрхудти, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм бахаста
Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын у бонджынтӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!»
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.
Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.
Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».
Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард ис, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди.
Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.
Сымах хъуамӕ зонат: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн — уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, — Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.