20 Уый Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ ме ’взонджы бонтӕй ӕххӕст кӕнын».
Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.
Ӕз дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ алыварс адӕмтӕ ӕмӕ, дӕ цурты чидӕриддӕр цӕуа, уыдон дын дӕ худинаг куыд уыной, афтӕ.
Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.
Уӕд Ын лӕппу загъта: «Уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Ноджыдӕр ма мын цы нӕ фаг кӕны?»
Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»
Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,
диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.
Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.