Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уый адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:7
11 Iomraidhean Croise  

Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Иоанн Ӕй урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Уый Ды хъуамӕ саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?»


Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон, хъӕддаг мыдыбындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хойраг.


Ӕз сымахыл аргъуыдтон донӕй, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй».


Иоанн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр, ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг Кӕмӕн нӕ дӕн, Уый“.


Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоныл. Уый дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома Йесойыл».


Уый сыстад, зӕххыл ныддӕлгом ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дӕ цагъар дӕн ӕмӕ цӕттӕ дӕн ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan