5 Цыдысты йӕм адӕм Иудейы алы кӕрӕттӕй ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр, ӕргом састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.
Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.
Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.
Ӕдзӕрӕг быдыры фӕзынд Иоанн. Уый аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, адӕм куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты.
Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон, хъӕддаг мыдыбындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хойраг.
Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым.
Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ.
Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.
Чи баууӕндыд, уыдонӕй-иу бирӕтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се ’взӕр митӕ.
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.
Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.