Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:44
9 Iomraidhean Croise  

Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта:


Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сӕнӕниз сты.


Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн цы загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта.


Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.


Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan