43 Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта:
Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».
Хъотырджын уайтагъд фервӕзти йӕ низӕй ӕмӕ ссыгъдӕг ис.
«Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».
Фӕлӕ сын Йесо тызмӕгӕй, Чи у, уый дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта.
Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.
Уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар макӕмӕн радзурой. Фӕлӕ сын цас тынгдӕр фӕдзӕхста, уыйас ӕй тынгдӕр айхъуысын кодтой.
Чызджы ныййарджытӕ стыр дисы бафтыдысты, фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цы ӕрцыди, уый макӕмӕн радзурут, зӕгъгӕ.