42 Хъотырджын уайтагъд фервӕзти йӕ низӕй ӕмӕ ссыгъдӕг ис.
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.
Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».
Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта:
Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый.
Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы Дзырдӕй.