40 Йесомӕ ӕрцыди хъотырджын, йӕ зонгуытыл ӕрхауди Йӕ разы ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!».
Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.
Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?
Соломон ӕрхуы уӕзӕг сарӕзта, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ кӕрты астӕу сӕвӕрдта. Ныр ӕм схызт, Израилы ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрзоныг кодта, йӕ къухтӕ уӕларвмӕ сивӕзта
куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.
Адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд Йесомӕ бацыди иу лӕг, ӕрзоныг кодта Йӕ разы
Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».
Йесо Йӕ фӕндагыл дарддӕр куы араст, уӕд ма Йӕм иу чидӕр ӕрбазгъордта. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»
Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта:
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Уый тыххӕй ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын Фыды раз —